филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 суббота, 31 января 2026
18 января 2023, 12:04
Цæгат Ирыстоны эксплуатацийы радтой зæйы ныхмæ галерея æмæ машинæтæн цы рлæууæн бынат ис, уый

Арæзтады цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 2022-æм азы, апрелы

Цæгат Ирыстоны эксплуатацийы радтой зæйы ныхмæ галерея æмæ Дзæуджыхъæуы фæндагыл машинæтæн цы рлæууæн бынат ис, уый. Федералон фæндæгты управленийы пресс – службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй зæйы ныхмæ арæзтады цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 2022-æм азы, апрелы. Сног кодтой инженерон æмæ видеоцæстдарды системæтæ, сарæзтой фæндаг сыгъдæггæнæн фæрæзтæ, электрон тых æмæ зынгсирвæзты рæстæг дзæнгæрæг. Уымæй уæлдай ма дзы фæзынд, суткæйы дæргъы диспетчермæ бадзурæн кæмæй ис, ахæм бастдзинад. Дзæуджыхъæумæ Архонкæйæ бацæуæн фæндаджы цур фæзынд  фæндаггонтæн фæллад суадзыны фадат кæм уыдзæн, ахæм лæвар æрлæууæн бынат. У 90 мин квадратон метры. Территорийы бынат ис 400 уæзласæн æмæ 250 рог машинæйæн. Ис дзы сывæллæтты ирхæфсæн фæз, 8 рухсгæнæн мачтæйы, диспетчеры управленийы пункт æмæ видеоцæстдарды системæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania