филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 31 января 2026
19 января 2023, 11:47
Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæ аразыны пълан 2022 азæн сæххæст кодтой дæс проценты фылдæр бæрæггæнæнимæ

Æдæппæтæй нæ республикæйы ивгъуыд аз сарæзтой цæрæнуæтты æртæсæдæ цыппор мин квадратон метры

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæ аразыны пълан 2022 азæн сæххæст кодтой дæс проценты фылдæр бæрæггæнæнимæ. Æдæппæтæй нæ республикæйы ивгъуыд аз сарæзтой цæрæнуæтты æртæсæдæ цыппор мин квадратон метры. Сарæзтой сæ цæрæнуат æмæ горæты тыгъдады программæ æххæст кæнгæйæ — фехъусын кодта арæзтады æмæ архитектурæйы министр Бæззаты Дмитрий. Йæ бæрæггæнæтæм гæсгæ, ахæм æнтыстдзинæдтæ къухы бафтыдысты, хицæн хæдзæртты арæзтад кæй сырæзт, уый фæрцы. Хицæн цæрæнуæтты фæзуаты иумæйаг бæрц у дыууæсæдæ дæс мин квадратон метры, бирæуæладзыгон цæрæнуæтты бæрц сæдæ æртын мин квадратон метры. Ацы аз регионы цæрæнуæттæ саразыны пълан у æртæсæдæ дыууын фондз мин квадратон метры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania