филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
19 января 2023, 11:48
Дыгургомы рацарæзты фæстæ байгом Цыкола – Мацутæ – Комы-Артмæ бацæуæн фæндаг

Йæ дæргъ у 22 километры æмæ дзы ис 5 хиды

Дыгургомы рацарæзты фæстæ байгом Цыкола – Мацутæ – Комы-Артмæ бацæуæн фæндаг. Йæ дæргъ у 22 километры æмæ дзы ис 5 хиды. Фæндаджы арæзтады спайда кодтой сæрмагонд æмбæрзтæй, æмæ уый бæззы хæххон фæндæгтæн. Дыгургомы ма тагъд рæстæджы сараздзысты хæххон туристон хъæу. Уымæй уæлдай дзы Æрæфы районы амалхъом адæм æххæст кæндзысты инвестицион проекттæ. Уыдоны фæрцы зынгæ сырæздзæн туристты нымæц æмæ уый тыххæй ног фæндагæн æнæаразгæ нæ уыд. Трассæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Æмраст хæххон фæндаджы 22 километры. Егъау цалцæггæнæн куыстытæ  автомобилон трассæйы уаццаг  Цыкола-Мацутæ- Комы-Артыл фесты фарон. Ацы аз та йæ кадджын уавæры байгом кодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг раарфæ кодта, фæндаггон куыстытыл чи архайдта, уыдонæн. Фæндаг бафæлварыны бар та фыццаджыдæр радтой уæзласæн машинæтæн.

Бирæ рæстæг трассæ уыди уæззау уавæры. Асфальты бæсты дзы уыд хуыр. Уыцы уавæртæй, фыццаджыдæр, тыхстысты бынæттон цæрджытæ.  Тæссаг уаццæгтыл зын бацæуæн уыд Дыгургомы туристон бынæттæм.  Ныр хъуыддаг цæхгæр аивдзæн. Дыгургоммæ цæуджыты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр. Боныхъæд та ма уымæн æххуысгæнæг.

Фæбæрæг кæнинаг ма у уый дæр, æма трассæйы кæцыдæр хæйттæ уæрæхдæр конд кæй æрцыдысты. Тæссагдæр рæтты та сæвæрдтой бетонæй конд бырутæ. Уæвгæ Цæгат Ирыстоны ацы фæндаджы хай у фыццаг, ног хуызы кæй бамбæрзтой, ахæм. Сарæзтой йæ канд хæххон фæндæгты арæзтадæн.

Капиталон цалцæг скодтой фондз хиды дæр. Фæндаджы уæлцъары конд бантыст саразын куыд хъуыди, афтæ. Ацы хидæн 24-метры дæргъ æфсæн хъайвантæ æрбаластой Краснодарæй.   Ирыстоны ахæмтæ никуы  кæныныц. Уымæй зындæр та уыд  конструкци фæзилæны сæвæрын. Фæлæ бантыст.

Бынæттон цæрджыты цинæн кæрон нæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ ныр фæндагыл рæстæг къаддæр хардз кæндзысты уый иу, фæлæ удæнцой хъуыддæгтæ та, уый фылдæр сты хорз фæндагыл цæугæйæ. Сæ зæрдæ дарынц канд Гæлиатæй уæлдай ма иннæ хъæутæм дæр ахæм фæндаг арæзт кæй æрцæудзæн, ууыл.

Уæдæ ма ацы фæндаджы фæрцы хохы цæрджытæм тагъддæр хæццæ кæндзæн тагъд медицинон  æххуыс дæр.

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло зæрдæ бавæрдта, фæндæгты рацарæзтыл куыст дарддæр кæй цæудзæн, уымæй. Иннæ къæпхæн  – Цыкола- Мацутæ –Комы –Арт – мæ фæндаджы 22 –æм километрыл цы тоннель ис, уый рацарæзт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania