филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2023, 11:33
Дзæуджыхъæмæ ссыдысты Хуссар æмæ Цæгат-Кавказы федералон зылдты ерысты хоккейæ чи архайдта, уыцы спортсментæ

Архайджыты хсæн Луганскы, Ростовы, Ейскы æмæ Дзæуджыхъæуы командæтæ

Дзæуджыхъæмæ ссыдысты Хуссар æмæ Цæгат-Кавказы федералон зылдты ерысты хоккейæ чи архайдта, уыцы спортсментæ. Ихын галуаны фембæлдысты 2008-æм азы гуырд спортсментæ. Архайджыты хсæн Луганскы, Ростовы, Ейскы æмæ Дзæуджыхъæуы командæтæ. Цæгат Ирыстоны  кад хъахъхъæдта командæ «Аланские барс»-ы. Командæ йæхи равдыста иттæг хорз, зæгъынц ерыстæ аразджытæ. Матчтæ цыдысты æртæ боны. Финалон фембæлдтытæ цæудзысты ацы уалдзæг. Финалон къæпхæны уæлахиздзаутæ архайдзысты æппæтуæрæсеон ерысты, уым та архайдзæн 9 командæйы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania