филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 воскресенье, 01 февраля 2026
26 января 2023, 12:05
Фарон цæгатирыстойнаг дзюдоисттæ сæхи иттæг хорз равдыстой алыхуызон турнирты

Уыдонмæ кæсгæйæ æвзонг спортсментæ дæр сразæнгард вæййынц фыццаг бынæттæ бацахсынмæ

Фарон цæгатирыстойнаг дзюдоисттæ сæхи иттæг хорз равдыстой алыхуызон турнирты. Уыдонмæ кæсгæйæ æвзонг спортсментæ дæр сразæнгард вæййынц фыццаг бынæттæ бацахсынмæ. Фидæны сæ фæнды олимпаг чемпионтæ суæвын. Сæ бæллиц сæххæст кæнынмæ сын æххуыс кæнынц тренертæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Йæ сабибонтæй фæстæмæ Æрчъынаты Богдан уарзы спорт, уымæн æмæ йæ фыд архайдта самбойæ. Фæлæ Богдан та равзæрста дзюдо. Куыд зæгъы, афтæмæй спорты хуызтæй уымæй рæсугъддæр нæй. Æвзонг спортсменæн ис иу бæллиц – олимпаг сыгъзæрин майдан рамбулын. Республикæйы фыццаг бынат бацахсыны йæ цы бронзæ майданæй схорзæхджын кодтой, уый кæд гыццыл æнтыстдзинадыл нымайы, уæддæр йе руаджы йæ бæллицмæ фæхæстæгдæр иу къахдзæф.

Руслан Сусловæн дæнцæг уыдысты йæ хистæртæ. Сывæллæтты тренировкæтæм арæх æрбацææуынц зындгонд спортсментæ, сæ зонындзинæдтæ сын æнæвгъауæй фæлæвар кæнынц. Руслан дæр, уыдоны хуызæн алы бон фæкæны тренировкæтæ, цæмæй фидæны суа олимпаг чемпион. Ныр дæр ын ис бирæ æнтыстдзинæдтæ. Сæ иу – юниорты хсæн Уæрæсейы чемпионаты 2-аг бынат.

Сæ кар нæ хынцгæйæ æрыгон спортсментæ фæразынц зындзинæдтæн, уымæн æмæ сæ фæнды алы ран дæр уæлахиздзаутæ уæвын. Спортмæ уарзондзинад сын у сæ æнтыстдзинæдты сæйрагдæр æвдисæн. Уæдæ æппæтуæрæсеон ерысты дæр нæ республикæ равдисынц иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.

Цæгæраты Хъазыбег тренировкæтæ фæкæны лæвар. Куыд зæгъы, афтæмæй йын фæрæзтæй ахсджиагдæр сты йæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania