31 января 2023, 11:50
Уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон Советы радон æмбырд
Боны фæткмæ рахастой къорд ахсджиаг фарстайы
Уыд Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон Советы радон æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта Советы сæрдар Михаил Шаталов. Боны фæткмæ рахастой къорд ахсджиаг фарстайы. Уæлдай æргом аздæхтой горæты уынгты рухсы уавæрмæ. Стыр æргом ма аздæхтой цалдæр уынджы къахвæндæгты уавæрмæ. Хъæуы сæм базилын. Фарстаты хсæн ма уыд – светофорты модернизаци. Æмбырды ма бæстон æрныхас кодтой Æхсæнадон Советы ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл.




