филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
01 февраля 2023, 11:43
23 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сидзæртæ ацы аз сертификаттæ райсдзысты цæрæнуæттæ балхæнынæн

Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ

23 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сидзæртæ ацы аз сертификаттæ райсдзысты цæрæнуæттæ балхæнынæн. Алкæцы сертификат дæр дзы у милуан 7 сæдæ 18 мин сомæн. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Æдæппæтæй республикон бюджетæй ацы хæрдзтæн дихгонд æрцыди 43 милуан сомы. Уымæй уæлдай, æмбырды æрныхас кодтой «Хъæуты территориты комплексон рæзты» паддзахадон программæйыл. Æххæстгонд цæудзæни 2025-æм азмæ. 2022-æм азæн фæрæзты иумæйаг бæрц у миллиардæй фылдæр. «Хъæуты территориты рæзты» дæлпрограммæ æххæстгæнгæйæ, фарон царды уадзын райдыдтой 10 проекты. Æххуырсгæ фатерты дæлпрогарммæмæ гæсгæ та бакуыстой 7 проектыл. Ацы аз архайд цæуы 13 объектыл, уыдонæй 7 сты, фаронæй чи баззади, ахæмтæ, иннæтæ – ногтæ. Се хсæн Алагиры районы стыр дондзæуæны арæзтад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania