08 февраля 2023, 11:12
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæйы хохрæбынты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй
Ахæм уавæр ахæсдзæнис абоны изæрмæ
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй республикæйы хохрæбынты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ахæм уавæр ахæсдзæнис абоны изæрмæ. Ведомствæ уымæй уæлдай хъусын кæны, хæстæгдæр бонты республикæйы æруардзæн бирæ мит, баддзæн мигъ, фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг. Уый нымайгæйæ министрад адæммæ сиды, цæмæй боныхъæдмæ кæсой, стæй, гæнæн æмæ амалæй, балц ма фæнд кæной.




