Хицауады сæрдар æххæстгæнæг оргæнты æмæ районты разамонджытæн бабар кодта, цæмæй бацархайой энергон хъацæнты фиддонты бæрц сæдæ процентмæ скæнын
Энергийы хъацæнтæн фиддонтыл, коммуналон къабазы рацарæзт æмæ зымæгон афон куыд цæуы, уыцы фарстатыл дзырдтой, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым. Хицауады сæрдар æххæстгæнæг оргæнты æмæ районты разамонджытæн бабар кодта, цæмæй бацархайой энергон хъацæнты фиддонты бæрц сæдæ процентмæ скæнын. Хорзырдæм ивддзинæдтæ æрцыд бындурон цалцæджы лæггадæн фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаджы. Бындурон цалцæджы фонды разамонæг Тедтаты Рамазаны фиппаинагмæ гæсгæ, кæд 2020-æм азы фиддонты бæрц уыдис 42%, уæд 2022-æм азы уыцы бæрæггæнæн схызт 72 процентмæ. Уый фæрцы бындурон цалцæджы программæ æххæстгонд цæуы тагъддæр. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Дзæджыхъæуы 24 бирæуæладзыгон хæдзары ивынц лифтытæ. Куыстытæ фæуыдзысты мартъийы кæрон. Хицауады сæрдар бындурон цалцæджы Фонды разамындæн бабар кодта, цæмæй ацы азмæ цы мадзæлттæ снысан кодтой, уыдон æххæстгонд æрцæуой афойнадыл, стæй куыд æмбæлы, афтæ. Уæлдай æргом аздæхтой хъармгæнæн афонмæ. Профилон министр Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй республикæйы цæрджытæм хъарм хæццæ кæны фаг бæрцæй æмæ æнæкъуылымпыйæ. Цы аиппдзинæдтæ рабæрæг вæййынц, уыдон иуварсгонд æрцæуынц бынæтты.




