филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:44 суббота, 31 января 2026
16 февраля 2023, 11:19
Сергей Меняйло видеобастдзинады фæрцы архайдта президенты раз хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл советы æмбырды.

Ныхас цыдис Уæрæсæйы хъазахъхъæгты паддзахадон политикæйы стратегимæ ивддзинæдтæ бахæссыныл

Сергей Меняйло видеобастдзинады фæрцы архайдта президенты раз хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл советы æмбырды. Ныхас цыдис Уæрæсæйы хъазахъхъæгты паддзахадон политикæйы стратегимæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайкæ куыд фæбæрæг кодта афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайды фæрцы сног ис хъазахъхъаг æфсæдты хæстон намыс. Æххæстбарджын минæвар радзырдта батальон Теркы архайды тыххæй. Хæстонты кой айхъуыст æгас бæстæйыл. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй хъазахъхъæгтæн саккаг кодтой лæгдзинады æртæ ордены æмæ 26 майданы. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй  ныртæккæ архайынц дыккаг хъазахъхъаг бархион къорд саразыныл.  Дæлхайады уыдзæнис 400 адæймаджы. Æххæстбарджын минæвары аппарат сарæзта æмæ æххæст кæны, батальон Теркы чи уыдис, уыцы хъазахъхъæгтæн æххуысы программæ. Йæ фæрцы хæстонтæн кæнынц медицинон æмæ реабилитацион лæггæдтæ. Уымæй уæлдай йæ архайджытæн уыдзæнис фадат уæлæмхасæн ахуырад райсынæн.  Программæйы домæнтæм гæсгæ, хъазахъхъæгтæн баххуыс кæндзысты куыст ссарыны дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania