филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:10 воскресенье, 01 февраля 2026
01 марта 2023, 11:25
Социалон лæггæдты закъонмæ ивддзинæдтыл ныхас цыд парламенты æмбырды

Республикæйы ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн дзæбæхгæнæн центрты стационарон хуызы цы лæггæдтæ æххæст кæнынц, уыдон ныр исдзысты мобилизацигонд адæмы, чи фæмард, уыцы хæстонты, æмæ бархионты бинонтæ дæр

Республикæйы ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн дзæбæхгæнæн центрты стационарон хуызы цы лæггæдтæ æххæст кæнынц, уыдон ныр исдзысты мобилизацигонд адæмы, чи фæмард, уыцы хæстонты, æмæ бархионты бинонтæ дæр. Дыккаг æмæ кæронбæттæн æркасты парламент хорзыл банымадта, адæмæн социалон лæггад кæныны тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Профилон комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаг æххæстæй дзуапп дæтты президенты ныстуанæн. Æмбырды æрныхас кодтой фæсивæдон парламенты тыххæй уынаффæйы проектыл дæр. Ныр депутатты æвзардзысты, раздæр куыд уыд 5 азы æмгъуыдмæ, афтæ нæ, фæлæ 2 азмæ. Кандидаттæ хъуамæ 35 азæй хистæр ма уой, хъæлæс та сыл кæндзысты электрон хуызы. Æмбырды ма рахастой, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны парламентты хсæн закъонаразæн архайды фæдыл æмгуыстад кæныны тыххæй бадзырд бафыссыны уынаффæ. Фыццаг æркасты ма депутаттæ схъæлæс кодтой «бинонты политикæйы» тыххæй республикон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania