Баст сты Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзтимæ
Хицауады радон æмбырды æркæсынмæ бахастой цалдæр хъæппæрисы. Баст сты Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзтимæ. Уæлдайдæр та санкциты рæстæг. Æмбырд амыдта премьер-министр Дзанайты Барис. Паддзахадон контрактты домæнтæ æххæст кæнгæйæ, дыууæ объекты – ома, 550 бынатæн скъолатæ Дзæуджыхъæуы, хаст æрцыд сæрмагонд уынаффæ. Документы проект æркæсынмæ бахаста арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин. Куыд загъта, афтæмæй объектты аргъ фæфылдæр, уымæн æмæ арæзтадон æрмæджыты аргъ зынгæ фæбæрзонддæр. Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ахуырады системæйы рæзтыл æмæ ног бынæттæ аразыныл цæуы æнæрлæугæ куыст. Республикæйы активонæй арæзт æмæ рацарæзт цæуынц ахуырады объекттæ. Ивгъуыд аз бындуронæй сцалцæг кодтой 30 скъолайы. Ацы аз ма сног кæндзысты ноджыдæр 36 объекты, æмæ сæ ратдзысты эксплуатацийы. Æмбырды ма хаст æрцыд уынаффæ, республикон исбонæй Æрæфы æмæ Мæздæджы районты муниципалон скондты бæрнмæ бахæссын дыууæ бирæвæрсыг цæугæ культурон центры. Уый тыххæй фехъусын кодта паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Национ проект «Культура» æххæст кæнгæйæ, самал кодтой дыууæ нырыккон автоклубы. Хицауады æмбырды ма ныхас цыд республикæйæн хъæугæ товартæ æлхæныны фарстатыл.




