филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:07 суббота, 31 января 2026
14 марта 2023, 11:36
Дзанайты Барисæн хицауады уæнгтимæ цы кусæг фембæлд уыди, уым æрныхас кодтой паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц

Сæйраг къабæзтæй иу – ВЭБ.РФ-имæ æмгуыстад

Дзанайты Барисæн хицауады уæнгтимæ цы кусæг фембæлд уыди, уым æрныхас кодтой национ проекттæ, паддзахадон программæтæ æмæ инвестицион проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл, стæй федералон центримæ æмгуыстадыл. Сæйраг къабæзтæй иу – ВЭБ.РФ-имæ æмгуыстад. Республикæ æмæ райрæзты паддзахадон корпораци цæттæ сты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, транспорты, туризмы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ ахуырады къабæзтимæ иумæйаг куыстмæ. Æрныхас кодтой туризмы рæзты фарстатыл дæр. Профилон комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæз радзырдта, грантты проекты республикæйы архайды тыххæй. Дзанайты Барис бахæс кодта, æппæт хъæугæ документаци бацæттæ кæнын, цæмæй хорзырдæм ахада туристон инфраструктурæйыл. Цæгат Ирыстон туризмы райрæзты хъуамæ архайа æппæт программæты, загъта хицауады сæрдар. Ныхас цыди алы сезонты чи кусдзæн, уыцы туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ыл. Дзанайты Барис зæрдыл æрлæууын кодта, «Мамысон» республикæйы экономикон рæзты модельты æппæты размæдзыддæр проектыл нымад кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania