29 марта 2023, 11:07
Мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æрныхас кодтой инвалидты фарстатыл баст æрмæджытыл
Се ппæтæн дæр фехъусын кодтой, Иугонд Нациты Организаци цы амынддзинæдтæ скодта ацы хъуыддаджы фæдыл, уыдон
Цæгат Ирыстоны мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æрныхас кодтой инвалидты фарстатыл, æмæ уыцы темæимæ баст æрмæджытыл. Се ппæтæн дæр фехъусын кодтой, Иугонд Нациты Организаци цы амынддзинæдтæ скодта ацы хъуыддаджы фæдыл, уыдон. Бæстон ма æркастысты иннæ ахсджиаг фарстамæ – æхсæнадон организациты æмæ дзыллон коммуниакциты фæрæзты æмархайдмæ. Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, снысан кодтой бæлвырд хъуыддæгтæ. Сæрмагондæй – республикæйы дзыллон коммуникациты фæрæзты минæвæрттæн.




