филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:11 воскресенье, 01 февраля 2026
05 апреля 2023, 13:45
Цæстдарæн архайды фарстатæ санкциты уавæрты куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд республикæйы Хицауады

Æмбырд амыдта премьер-министр Дзанайты Барис

Цæстдарæн архайды фарстатæ санкциты уавæрты куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд республикæйы Хицауады. Æмбырд амыдта премьер-министр Дзанайты Барис. Стыр æргом аздæхтой «Паддзахадон æмæ муниципалон цæстдарды» тыххæй Федералон закъон царды куыд æххæст кæнынц, уымæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй, æддагон санкциты рæстæг, сæрмагондæй бизнесæн æххуысæн федералон æмвæзады снысан кодтой мадзæлттæ. Уыдонмæ гæсгæ амалхъом архайдæн зынгæ фæрогдæр кодтой сæ авналæнтæ. Уыцы-иу рæстæг фæахадгæдæр профилактикон барадхæлдтыты ныхмæ мадзæлттæ. Сæвзæрд уавæры уый хауы фыццаградон хæстæм. Цæстдарæн-нымайæн оргæнты нысан та у бизнесæн алывæрсыг æххуыс кæнын. Ахæм амынддзинæдтæ цæуынц федералон æмвæзадыл дæр. Административон уаргъ фæкъаддæр кæныны тыххæй цæуы нымайæн-цæстдарæн архайды рацарæзт. Ахæм мадзæлттæ хъуамæ æххæст кæной нæ республикæйы дæр, – загъта Дзанайты Барис. Нымайæн-цæстдарæн архайды рацарæзты тыххæй бæстон доклад скодта экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр. Куыд загъта, афтæмæй сфидар кодтой регионалон паддзахадон цæстдарды 28 хуызы. Премьеры хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны цæуы стыр куыст. Национ проекттæ æххæст кæнгæйæ, царды уадзынц бирæ паддзахадон программæтæ. Афтæмæй æххуыс цæуы регионалон æмæ муниципалон æмвæзадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania