филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:10 воскресенье, 01 февраля 2026
06 апреля 2023, 10:59
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас дзы цыд республикæйы социалон-экономикон рæзтыл

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас дзы цыд республикæйы социалон-экономикон рæзтыл. Министртæ радзырдтой алы объекты тыххæй дæр. Фарстатæ баст уыдысты скъолаты, сывæллæтты рæвдауæндæтты, поликлиникæты, фельдшерон-акушерон пунктты, культурæйы хæдзæртты, спортивон комплексты æмæ фæндæгты арæзтадимæ стæй рацарæзтимæ. Дзанайты Барис загъта, æппæт мадзæлттæ сæххæст кæнын куыд ахсджиаг у, уый. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны Хицауады раз цы хæстæ æвæрд ис, уыдон хæрзхъæд æмæ афоныл æххæст кæнынмæ йæ цæст дары регионы сæргълæууæг Сергея Меняйло. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, æппæт объекттæ дæр сты тынг ахсджиаг. Хыгъдмæ уæлæмхасæн бахастой Беслæны генералон пълан, стæй Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районтæ. Æмæ сæ царды куы рауадзой, уæд зынгæ фæхуыздæр уыдзæн ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, социалон къабазы, культурæйы æмæ спорты инфраструктурæ. Ацы аз Беслæны райдыдта районы поликлиникæйы, тагъд æххуысы станцæйы, сывæллæтты сфæлдыстады Хæдзары, æмæ фæсивæды Галуаны рацарæзт. Афæдзы кæронмæ ма сцалцæг кæндзысты цалдæр уынджы фæндæгтæ. Горæтгæрон районы та нысан кæнынц сывæллæтты рæвдауæндæттæ саразын 120 бынатæн. Уыдзысты Куырттаты, Майскæйы æмæ Донгæроны. Комгæроны æмæ Майскæйы фæзындзысты ног скъолатæ. Дачнæйы та – фельдшерон-акушерон пункт. Æмбырды ма ныхас цыд æндæр объекттыл дæр. Уыдон, паддзахадон программæтæ æххæст кæнгæйæ, нысан кæнынц 2024-26-æм азты царды рауадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania