Ацы бæрæггæнæнтæ аппатарон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны рабæрæг фадынæгæй рынчын 5 адæймаджы. Сæ низ сын раиртæстой лабораторон æгъдауæй. 6 адæймагыл та ма гуырысхо кæнынц ацы низæй. Ацы бæрæггæнæнтæ аппатарон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ. Ныхас ма цыди республикæйы санитарон уавæрыл дæр. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй адæмæй цæуынц хъæстытæ. Хыгъд æрцыдис 85 æнæзакъон бырондоны. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты администрацитæн бахæс кодта, амынд объекттæн мониторинг скæнын æмæ сæ æмбæлгæ уагыл скæнын. Æмбырды цы бирæ фарстатæ фехъусын кодтой, уыдоны хсæн – дæрддзæф районты афтектæ кæй нæ фаг кæны, уый. Дыууæ дзы хъуамæ байгом кæной ацы къуыри, ацы фарста ма карзæй лæууы ноджыдæр 22 хъæуы. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй æркæсын хъæуы цæугæ афтекты системæ сфидар кæнынмæ. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло разыйæ нæ баззад, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ивыны программæ гæсгæ Беслæны æмæ Дигорайы цы объекттæ аразынц, уыдонæй. Куыстытæ дзы цæуынц æрæгмæ. Бадомдта, куыстыты фæтк æндæр хуызы рацаразын, цæмæй хæдзæртты хæрзхъæддзинадыл ма фæзына, æмæ арæзт фæуой бæлвырд æмгъуыдмæ.




