Хъæууон хæдзарады министрады уыцы хъæппæрис хорзыл банымадтой хицауады æмбырды
Стурвосы куыст чи кæны, уыцы фермертæн грантты бæрц фæфылдæр уыдзæн 7 милуан сомы онг. Раздæр уыд 5 милуаны. Хъæууон хæдзарады министрады уыцы хъæппæрис хорзыл банымадтой хицауады æмбырды. Министр Къусраты Алан ма фехъусын кодта, кæй нысан кæнынц, 3 милуанæй 5 милуан сомы онг хъæууон хæдзарады рæзты грант фæфылдæр кæнын дæр. Уымæй дарддæр республикæйы куыст дæттыны комитет æркæсынмæ бахаста, 14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы æрыгон адæмæн куысты бынæттæн квотæтæ дæттыны тыххæй проект. Ныхас ма цыд инвалидтæн уæлæмхасæн куысты бынæттæ аразыныл, стæй техникумты рауагъдонтæн стажировкæ кæнынæн фадаттыл. Стыр æргом аздæхтой, скъолаты автобустæ муниципалон скондты исбонмæ раттынмæ.
Хицауады æмбырды ма æрныхас кодтой национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн» æххуысы мадзæлттыл. Хъуамæ ацы хъуыддаг фылдæр парахатгонд цæуы алы æмвæзадыл дæр.




