13 апреля 2023, 11:18
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы рекреацион комплекс «Алания парк»-ы арæзтад
Проект царды рауадзынмæ цы инвестицитæ бахастой, уыдон сты 8 миллиард сомы
Къахдзоныгътыл бырæн фæз, бæндæнæй конд фæндаг æмæ фондз стъалыимæ фысымуат… Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы рекреацион комплекс «Алания парк»-ы арæзтад. Проект царды рауадзынмæ цы инвестицитæ бахастой, уыдон сты 8 миллиард сомы. Нысан кæнынц æцæг ирхæфсæн парк саразын. Хъуамæ фидæны суа куыд бынæттон цæрджыты, афтæ республикæйы уазджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц инженерон инфраструктурæ саразыныл. Бæндæнæй фæндаджы разамынды системæ ныридæгæн у цæттæ. Уымæй дарддæр бынаты сæвæрдтой фæлгæсæн цалх. Йæ бæрзæнд у 41 метр. Проект саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы объект у хицæн ныхасы аккаг. Цалх нымад уыдзæн æппæтæй бæрзонддæрыл Европæйы.




