14 апреля 2023, 11:17
Дзанайты Барис сарæзта æмбырд Алагиры хъармæй æххæстгæнæн системæйы рацарæзты фарстаты фæдыл
Проекты фарс рахæцыд Уæрæсейы регионалон фарстаты фæдыл хицауадон къамисы президиум
Хицауады сæрдар Дзанайты Барис сарæзта æмбырд Алагиры хъармæй æххæстгæнæн системæйы рацарæзты фарстаты фæдыл. Проекты фарс рахæцыд Уæрæсейы регионалон фарстаты фæдыл хицауадон къамисы президиум. Æххæст кæнын æй фæнд кæнынц, публикон-барадон компани «Территориты райрæзты фонд»-ыуылты национ хъæздыгады фонды фæрæзты хардзæй. Премьер куыд загъта, афтæмæй уый ратдзæн, бирæ азты чи тыхсын кæны, уыцы фарста тагъд æмæ æмбæлгæ æмвæзадыл алыг кæныны фадат. Ныртæккæ ахсджиаг у, цæмæй процессы æппæт архайджытæ сæ хæстæ æнæ къуылымпытæй сæххæст кæной.




