Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылаты Алан
25-æм мартъийæ нырмæ республикæйы рабæрæг кодтой дзуарæй рынчын 7 адæймаджы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылаты Алан. Низ кæм фæзынди, уым арæзт цæуы сæрмагонд санитарон мадзæлтты комплекс. Ведомствæйы минæвæрттæ ма загътой, ковидæй ног рынчынты нымæц къаддæр кæй кæны, уый дæр. Цæгат Ирыстоны районты майæ фæстæмæ фæнд кæнынц фармацевтон препараттæ кæм уæй кæндзысты, ахæм 21 пункты байгом кæнын. Ацы ахсджиаг фарстайыл та дзырдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло йе ргом аздæхта Дигорайы æртыккаг скъолайы арæзтад дарддæр ахæццæ кæнын кæй хъæуы, уымæ. Подрядчик куыстытæ баурæдта, фæрæзтæ кæй нал фаг кодта, уымæ гæсгæ. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ сног кæнынæн хъæуы 15 милуан сомы бæрц. Ахæм уавæр сæвзæрд Мæздæджы районы Притеречныйы поселочы дæр, уым та цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар. Æмбырды ныхас цыди хъалонты фарстайыл дæр. Ам сæргълæууæг радта бæлвырд хæстæ, æмæ бадомдта, къабаз снывыл кæнынæн куыст фæкарздæр кæнын.




