филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 воскресенье, 01 февраля 2026
26 апреля 2023, 12:04
Доны хæдзарады комплексы рæзтыл ныхас кодтой Дзанайты Барис æмæ Ныгуылæн-Хъаспийаг дондзæуæн управленийы разамонæг Гусейн Курбанчиев

Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ ахсджиаг у республикæйы доны хæдзарады архайды æдасдзинадыл бакусын

Цæгат Ирыстоны доны хæдзарады комплексы рæзтыл ныхас кодтой Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ Ныгуылæн-Хъаспийаг дондзæуæн управленийы разамонæг Гусейн Курбанчиев. Уый нæ республикæмæ ссыд кусæг балцы. Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй ныртæккæ ахсджиаг у республикæйы доны хæдзарады архайды æдасдзинадыл бакусын. Цæгат Ирыстоны территорийы ис бирæ доны объекттæ. Уыдонмæ зилынæн хъæуы сæрмагонд мадзæлттæ пълан æххæст кæнын. Се хсæн – Терчыдоны былгæрæттæ фидар кæнын. Дарддæр сыгъдæггонд цæуы Мæздæджы цад. Бехъаны цад сыгъдæггæнæн куыстытæ та кæронмæ æрхæццæ сты. Иннæ ахсджиаг хъуыддаг Фыййагдоны цæугæдонмæ базилын, Урсдоны æмæ Хъарман-Сындзыхъæуы рдыгæй. Æппæт фасртстыл цæуы лæмбынæг куыст. Уыимæ, федералон центримæ æнгом æмгуыстад кæнгæйæ. Уымæй дарддæр цæуынц профилактикон мадзæлттæ, донивылдтыты сезонмæ цæттæ кæнгæйæ. Ам та ахсджиаг у Ныгуылæн-Хъаспийаг управлениимæ æмархайд кæнын. Нæ иумæйаг хæс у – республикæйы цæрджыты æдасдзинадыл бакусын, – загъта Дзанайты Барис. Бузныджы ныхæстæ ракодта Гусейн Курбанчиевæн, йæ ахадгæ куысты тыххæй. Нысантæм гæсгæ ма бакусдзысты иннæ ахсджиаг хъуыддæгтыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania