филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:07 воскресенье, 01 февраля 2026
04 мая 2023, 11:16
Дзæуджыхъæуы къæвдаты дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы канализациты куыстыл рейд скодтой профилон ведомствæйы кусджытæ

Системæ арæзт æрцыди 70-йæм азты, æмæ уыцы рæстæгмæ заууатмæ æрцыди, кæмдæрты та нал бæззы 100 % онг

Дзæуджыхъæуы къæвдаты дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы канализациты куыстыл рейд скодтой профилон ведомствæйы кусджытæ. Системæ арæзт æрцыди 70-йæм азты, æмæ уыцы рæстæгмæ заууатмæ æрцыди, кæмдæрты та нал бæззы 100 % онг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг активонæй цæуы сæ рацарæзт. Марковы уынджы ацы фарста цæхгæр лæууы бирæ азты. Ныр дзы снысан кодтой сæрмагонд æфсæйнагæй конструкцитæ сæвæрын æмæ коллектор рацаразын. Хъуыддаг фæнывыл Виноградныйы уынджы æмæ  Владикавказскийы æмæ Владивостокскийы уынгты тигъыл дæр.

Марковы æмæ Дзанайты Иваны уынгты тигъмæ хъæуы уæлдай цæст æрдарын. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, тыхджын къæвдатæ куы рацæуы, уæд дзы донæй азмæлæн нал вæййы. Фарон дзы цыдæр хъуыддæгтыл бакуыстой, фæлæ уый фаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania