Бæлвырд æркастысты, адæмы фæрæзтæй цы хæдзæрттæ аразынц, уыдоны уавæрмæ, стæй скъолаты бындурон цалцæджы фарстатæм
Дзанайты Барис хицауады уæнгтимæ дзырдта республикæйы арæзтадон комплексы райрæзтыл. Бæлвырд æркастысты, адæмы фæрæзтæй цы хæдзæрттæ аразынц, уыдоны уавæрмæ, стæй скъолаты бындурон цалцæджы фарстатæм. Профилон министр Моргуаты Константин радзырдта, хæдзæрттæ аразгæйæ чи фæсайды ис, уыцы адæмæн куыд æххуыс кæнынц, уый тыххæй. Ныртæккæ нæ республикæйы ис цыппар ахæм æрдæгарæзт хæдзары. Афæдзы кæронмæ хъуамæ фарста лыггонд æрцæуа — чи фæсайды ис, уыцы адæмæн бафиддзысты компенсацитæ, кæнæ та сын сæ цæрæнуæттæ кæронмæ сараздзысты. Скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты цалцæджы тыххæй дзырдта ахуырады министр Алыбекты Эллæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ведомствæ цæттæ кæны курдиæттæ ног объектты рацарæзтæн. Бындурон цалцæг скæндзысты 33 рæвдауæндоны.




