Ныр хуызисæн къæппæджытимæ сæ куыст фенцондæр
Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынаты специалисттæ архайынц республикæйы æрдз бахъахъхъæныныл. Ныр хуызисæн къæппæджытимæ сæ куыст фенцондæр. Уымæн æмæ раздæр хъæды цæрæгойты хъахъхъæдтой æрмæстдæр зымæгон, сæ фæдтæ–иу митыл куы баззадысты, уæд. Æдæппæтæй ахуыргæндтæм ис 40 ахæм къæппæджы. Цавæр зындзинæдтæ вæййы сæ куысты, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Павел Вейнберг æмæ Дзуццаты Зауыр сты ахуыргæндтæ. Мониторинг кæнынц леопардтыл. Ныридæгæн сæ хæс у, леопардтæ 3 боны цы кластерты уыдысты, уымæ бæстон æркæсын. Цæрæгойтыл цы электрон хъуырдарæнтæ ис, уыдоны дзæнгæрæджы руаджы Мæскуыйы экологи æмæ эволюцийы фарстаты институты ахуыргæндтæн фадат ис, леопардтæ цы ран сты, уый уынынæн. Уæдæ мониторинг цы къордтæ кæны, уый хæс та у хъуырдарæнты дзæнгæрæгты руаджы раиртасын, хъæддаг æрдзы цæрæгойтæ сæхи куыд дарынц, уый.
Цæрæгойтæ æнæуи сæ амæттаг ахæссынц сабыр ранмæ æмæ йæ уым бахæрынц. Фæлæ нæлгæды Лео у æвзонг, æнæмæт, æмæ уымæ гæсгæ æмбæхсгæ дæр нæ кæны.
Ацы хатт Леойæн йæ хъул сах абадти, уымæн æмæ ацыд хъæддаг хуыйы фæдтыл. Куыд æй зонæм, афтæмæй леопардæн хæрыны аккаг цы хъæддаг цæрæгойтæ сты, ахæмтæ нæ республикæйы бирæ нæй. Павел Вейнберг æмæ Дзуццаты Зауыр нæлгæдыйыл цуан кæнынц 30-æм хатт.
Леопардты æрдзмæ рауагътой 2021-æм азы. Цæрæгойтæ хæххон бынæтты кæй нæ цæрынц, уый нæ хынцгæйæ, Лаурæ ацыд хæхбæстæм, Хоста ацыд хурыскæсæны рдæм, Лео та асгæрста Кæсæг – Балхъары хъæдтæ æмæ фæстæмæ æрæздæхт Ирыстонмæ.
Мæнæ арс йæ лæппынтимæ фæцæуы. Уæдæ иннæ цæрæгойтæ дæр сæ хъуыддæгтæ кæнгæйæ зонгæ дæр нæ кæнынц, адæм сæ хъахъхъæнгæ кæй кæнынц, уый. Къамисæн къæппæджытæ сæ куыст кæнынц.
Ныридæгæн ахуыргæндтæм ис 40 къамисæн къæппæджы. Уыдоны руаджы сæ бон у цæрæгойты хъахъхъæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, наукон кусджытæн сæ куыст фенцондæр ис, уымæн æмæ раздæр цæрæгойты хъахъхъæдтой æрмæстдæр зымæгон, сæ фæдтæ–иу митыл куы баззадысты, уæд. Фæлæ къамисæн къæппæджыты сæйраг знæгтæ сты æрсытæ æмæ адæм.
Павел Вейнберг æмæ Дзуццаты Зауыр та тагъд рæстæджы ацæудзысты леопардты фæдыл.




