филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:07 воскресенье, 01 февраля 2026
08 июня 2023, 11:45
Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта ведомтсвæты хсæн къамисы æмбырды

Æрдзырдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды фæллойы ахастдзинæдтыл æмæ закъонмæ гæсгæ фидаргонд цы куыстуæттæ сты, уыдоны кусджыты хыгъд фæфылдæр кæныны мадзæлттыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта ведомтсвæты хсæн къамисы æмбырды. Æрдзырдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды фæллойы ахастдзинæдтыл æмæ закъонмæ гæсгæ фидаргонд цы куыстуæттæ сты, уыдоны кусджыты хыгъд фæфылдæр кæныны мадзæлттыл. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта УФ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон зылды Юрий Чайка. Архайдтой дзы субъектты разамонджытæ, УФ-йы экономикон райрæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, УФ-йы генералон прокуроры хæдивæг Андрей Кикоть æмæ æндæртæ. 2023-æм азы 1-аг кварталы хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Кавказы Федералон зылды закъонмæ гæсгæ фидаргонд цы куыстуæттæ не сты, уым кусынц 12 073 адæймаджы. Æмгуыстады бадзырдтæ бафыстой  3 151 адæймагимæ, 2 мин адæймагæй фылдæр та сæхи бафыстой куыд индивидуалон амалхъом адæм, афтæ. Уымæй уæлдай ма æрдзырдтой, Цæгат Кавказы Федералон зылды субъектты социалон контрактты фæлгæты паддзахадон социалон æххуыс кæныны фарстайыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania