филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:31 воскресенье, 01 февраля 2026
14 июня 2023, 11:39
Сергей Меняйло бабар кодта, коммуналон хауæццæгты полигоны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый фæстиуджытæ аиуварс кæнын

Регионы разамонæг профилон ведомствотæн бахæс кодта цыбыр æмгъуыдмæ аххосаг сбæрæг кæнын

Æрвылкъуырион аппаратон æмбырды республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бабар кодта, коммуналон хауæццæгты полигоны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый фæстиуджытæ аиуварс кæнын. Регионы разамонæг профилон ведомствотæн бахæс кодта цыбыр æмгъуыдмæ аххосаг сбæрæг кæнын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады техникæйæ дарддæр, арт ахуыссын кæныны архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы 18 адæймаджы, 5 донпырхгæнæн машинæйы æмæ 3 бульдозеры. æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зынгхуыссынгæнæн бригадтæ ацы уаццаг бапырх кодтой сæрмагонд фынкæй, æмæ йæм туаггуыр нал хæццæ кодта.

Бæстон цæстдард цæуы Ногиры æмæ Михайловскæйы хсæн хиды уавæрмæ. Солиты Тариель куыд фехъусын кодта, афтæмæй куыстытæ цæуынц фæткæй раздæр. Баззад ма дзы райхалын фæстаг, фæндзæм хай. Ног хиды проект саразыны тыххæй контракт бафыстой Красноярскы организациимæ. Проект царды рауадзынæн хъæуы 600 милуан сомы. Бюджетæй йын радих кæндзысты 114 милуаны. Уымæй дарддæр ма аппаратон æмбырды ныхас цыд сæрмагонд къамисы куыстыл дæр. Тугъанаты Ларисæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй нысанмæ ахуырæн курдиæттæ балæвæрдтой 1171 адæймаджы. Конкурсы домæнтæм гæсгæ, хыгъд цæудзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæнты хатдзæгтæ, хицæн æнтыстдзинæдтæ стæй абитуриенты социалон статус. Стыр æргом здæхт цæудзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæм. Æмбырды ма ныхас цыд Китайаг фæзы районы доны станцæйы уавæрыл дæр. Сергей Меняйломæ фæрстытæ уыд горæты администрацийы куыстмæ. Милдзыхты Вячеславæн бабар кодта объект донæй байдзаг кæнын, æмæ йæм базилын. Уæвгæ та сæрдыгон архайд хъæуы банывыл кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania