20 июня 2023, 13:00
Æвзонг теннисисткæ Созæонты Нинæ æрæджы æрыздæхт ахсджиаг турнирæй Гуырдзыстонæй сыгъзæрин майданимæ
Ерыстæ арæзт æрцыдысты теннисы æппæтадæмон федерацийы хъæппæрисæй
Æвзонг теннисисткæ Созæонты Нинæ æрæджы æрыздæхт ахсджиаг турнирæй Гуырдзыстонæй сыгъзæрин майданимæ. Ерыстæ арæзт æрцыдысты теннисы æппæтадæмон федерацийы хъæппæрисæй. Чызг спорты ацы хуызæй архайы 4-æм къласæй фæстæмæ. Ныртæккæ каст фæцис 10-æм кълас. Ис ын хорз хатдзæгтæ. Архайдта алыхуызон стыр турнирты, 2 азы размæ та сæххæст кодта спорты мастеры норматив. Уæвгæ, фæстаг рæстæг теннис республикæйы ахадгæйæ рæзы. Ныртæккæ академи «Асгард»-ы архайы 150 адæймаджы. Арæхдæр арæзт цæуынц ерыстæ.
темæмæ гæсгæ