филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
05 июля 2023, 11:40
Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсейы рухстауынады министрады инфраструктурæйы рæзты департаменты директор Ирина Шварцманимæ

Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны сæрмагонд программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсейы рухстауынады министрады инфраструктурæйы рæзты департаменты директор Ирина Шварцманимæ. Уый кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны сæрмагонд программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Стыр æргом аздæхтой ахуырады скъолаты системæты рацарæзтмæ. Бæлвырддæр та скъолаты бындурон цалцæгмæ. Ирина Шварцман куыд загъта, афтæмæй нæ республикæ активонæй архайы, æнæхъæн бæстæйы чи кусы, ахæм егъау проекты. Ацы азы программæмæ гæсгæ, хъуамæ бындуронæй сцалцæг кæной 66 цæгатирыстойнаг скъолайы. Ныридæгæн дзы кæронмæ æрхæццæ 35 ахуыргæнæндоны цалцæг. Ноджыдæр ма 20 скъолайы хаст æрцыдысты 2024-25-æм азты программæмæ. 76 скъолайы та 2026-æм азы онг. Федералон æмвæзадыл дæр бæрæг у, нæ республикæ программæйы куыд æнтыстджынæй архайы, уый. Ирыстон æвдисы хорз бæрæггæнæнтæ, цæмæй нæ регион дарддæр дæр уыцы куыст кæна, уый тыххæй. Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон разамынд уæлдай æргом здахы ахуырады системæйы рæзтмæ. Скъолаты бындурон цалцæгмæ цæуы бæстон цæстдард. Фыццаджыдæр хынцын хъæуы куыстыты хæрзхъæддзинад, æмæ бæстыхæйттæ нырыккон кусæнгæрзтæй куыд æххæстгонд цæуынц, уый. Федералон ведомствойы æххуысы фæрцы æнтысы бирæ азты фарстатæ лыг кæнын. Уæлæмхасæн 290 милуан сомы руаджы кæронмæ арæзт æрцæудзæн Хъызлары скъола. Уымæй дарддæр хорзыл нымад æрцыд, 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм «ПроШкола»-йы арæзтады фарста.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania