Ацы аз цы курдиæттæ балæвæрдтой, уыдонæй равзæрстой уæлахиздзауты
Цæгат Ирыстон уæлахиздзау сси VIII-æм æппæтуæрæсеон конкурс горæты æнцонвадат архайды хуыздæр проектты. Ацы аз цы курдиæттæ балæвæрдтой, уыдонæй равзæрстой уæлахиздзауты. Афтæ нæ республикæйы хуыздæрыл нымад æрцыдысты æртæйæ. Фыццаг хатт номинаци «Историон бынат»-ы рамбылдта Нары хъæуы проект. Номинацитæ «Чысыл горæтты» та уæлахиздзауты систы Æрыдон æмæ Дигора. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, горæты æнцонвадат архайды хуыздæр проектты Æппæтуæрæсеон конкурс арæзт цæуы 2018-æм азæй фæстæмæ. Йæ саразыны хъæппæрис расидти Уæрæсейы президент. Конкурс хаст æрцыд федералон проект «Формирование комфортной городской среды»-йы национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат архайд»-мæ. Архайынц дзы, 200 мин адæймаджы онг кæм цæры, ахæм горæттæ, æмæ, федералон æмæ регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм историон бынæттæ.




