Ныссыгъдæг кæнын цы бынæттæ хъæуы, уырдæм министрад арвыста сæрмагонд техникæ
Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы стæй æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы специалисттæ сбæрæг кодтой Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты хъæдрæбынтæ, стæй æнæном цæугæдоны донвæдтæ. Ныссыгъдæг кæнын цы бынæттæ хъæуы, уырдæм министрад арвыста сæрмагонд техникæ. Ныртæккæ экскаватортæ арфдæр къахынц æнæном цæугæдоны донвæд, стæй йын ивынц йæ ацæуæнтæ. Ацы куыстытæ фидæны донивылдтытæй бахъахъхъæндзысты хæстæгдæр уынгты. Техникæ сыгъдæг кæны чъизы мæрæй æмæ æндæр бырæттæй. Донивылдтыты рæстæг цы бæлæстæ æмæ къалиутæ раласы йæ разæй дон, уыдон донвæдыл зынынц æвзæрырдæм. Хæстæгдæр рæстæг специалисттæ фæнд кæнынц доны къанау ссыгъдæг кæнын дæр, уый фæрцы дон цæуын райдайдзæн Карца æмæ Спутникы иувæрсты. Южныйы поселочы администрацийы сæргълæууæг Касаты Болат куыд зæгъы, афтæмæй къанау рагæй нал уыди сыгъдæггонд, йæ донвæд байдзаг алыхуызон бырæттæй, æмæ йыл ацы мадзæлттæ хорзырдæм фæбæрæг уыдзысты.




