Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис
Республикæйы хицауадон къамис скодта хатдзæгтæ æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы регионалон къæпхæнæн. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. «Горæты арæзтадон политикæйы, адæмæн зæрдæмæдзæугæ цæрæн уавæртæ æххæст кæныны æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады райрæзты» номинацийы 1-аг бынæттæ бацахстой Мæздæг æмæ Дзуарыхъæу, 2-аг бынат – Суадаг, æртыккаг та сси Притеречный. «Муниципалон экономикон политикæ æмæ муниципалон финанстæн разамынд дæттыны» номинацийы рамбылдта Дзæуджыхъæу. Ставд-Дуртæ бацахста 2-аг бынат. «Муниципалон скондты цæрджытимæ ахадгæ куысты æмæ территориалон æхсæнадон хиуынаффæйады райрæзты» номинацийы фыццæгтæ систы Беслæн æмæ Комсомольскæ, дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты – Елхот æмæ Суадаг. «Алы адæмыхæттыты хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæныны, æмæ муниципалон æмвæзадыл национ политикæйы къабазы æндæр мадзæлттæ æххæст кæныны» номинацийы рамбылдтой Мæздæг æмæ Комсомольскæ, 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ бацахстой Зæронд æмæ Ног Бæтæхъойы хъæутæ. Дзанайты Барис хицауадон оргæнты разамонджытæн бабар кодта регионалон этапы уæлахиздзаутæн конкурсы федералон къæпхæны архайды рæстæг алывæрсыг æххуыс кæнын. Муниципалон скондты сæргълæуджытæн та загъта, ахадгæйæ бакусын 2024-æм азы æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ»-йы архайыны хъуыддагыл. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, республикæ ерысы æрвылаз йæхи хорз равдисы. Муниципалон скондтæ цы æхцайы премитæ рамбулынц, уыдон сын раттынц, сæ территориты райрæзтыл бакусыны фадат.




