филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:56 суббота, 31 января 2026
03 октября 2023, 11:57
Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ

Ныхас цыдис нæ республикæйы райрæзты фарстатыл

Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ. Ныхас цыдис нæ республикæйы райрæзты фарстатыл.  Регион размæ чи ракæндзæн, ахæм проекттыл дзургæйæ Сергей Меняйло фехъусын кодта, ныртæккæ Мамысоны курорты куыстытæ сæ тæмæны кæй сты, уый тыххæй.  Уымæй дарддæр баныхас кодтой Газпромы разамындимæ, æмæ цыппар километры дæргъæн хæтæлы бæсты скæндзысты 15 километры чи у,  ахæм. Уый фæрцы хæстæгдæр хъæутæм æнцонтæй бауаддзысты æрдзон артаг. Цæгат Ирыстоны разамонæг президентæн куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы аразынц алы мадзæлттæ, цæмæй æххуыс кæной Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ бинонтæн. Ныридæгæн уал сарæзтой æртæ мин социалон паспортæй фылдæр. Владимир Путин бабар кодта, цæмæй дарддæр дæр Цæгат Ирыстоны разамынд цæст дара хæстонтæм æмæ сæ бинонтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania