11 октября 2023, 11:49
Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакæн Мæскуыйы уыди кусæг фембæлд
Æрныхас кодтой артаг æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рæзты ахадгæ мадзæлттыл
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакæн Мæскуыйы уыди кусæг фембæлд. Æрныхас кодтой артаг æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рæзты ахадгæ мадзæлттыл, Мæздæджы районы ламидæттæй тæссаг кæм у, ахæм рæттæй цæрджыты æндæр рæттæм ивыны гæнæнтыл. Ныхас ма цыди республикæйы пульмонологон центры рацарæзтыл æмæ Ногиры хиды арæзтадыл.




