Фылдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ
Цæгат Ирыстоны æхснырсæгæй рынчынты нымæц ивгъуыд къуырийы зынгæ фæфылдæр. Фылдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ. Ацы бæрæггæнæнтæ æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды службæйы специалисттæ. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гриппæй прививкæтæ скодтой 154 мин адæймаджы. Ахуырад æмæ наукæйы министр куыд загъта, афтæмæй дыууæ рæвдауæндоны æхгæд æрцыдысты карантины. Алыбекты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, рæвдауæндæтты сывæллæтты 18% сты рынчын. Скъолаты уавæр у гыццыл хуыздæр – 13%. Æмбырды ныхас цыди хъармгæнæн сезоныл дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй хъармгæнæнтæ кусынц иууылдæр. Къуылымпыдзинæдтæ дзы нæй. Премьер Дзанайты Барис боны фæткмæ рахаста бырæтты полигонты рекультивацийы, стæй æнæзакъон бырондæттæ скуынæг кæныны фарстатæ. 11 дзы сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы, 41 та республикæйы районты. Мæйы æмгъуыдмæ иууылдæр уыдзысты æфснайд.




