Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн
Алагиры дондзæуæн хызты рацарæзты проект нымад æрцыд хорзыл. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Куыд радзырдта, афтæмæй ведомствойы ныртæккæ стыр куыст цæуы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты модернизацийыл. Уымæ гæсгæ республикæйы арæзт æрцыдысты дондзæуæн æмæ донæй ифтонггæнæн, стæй хъармдæттæг куыстуæттæ. Уыдоны 65% активтæ ныридæгæн баиу кодтой. Таматы Майрæн ма радзырдта Цæгат Ирыстоны национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Арæзт æрцыдысты 4 сыгъдæггæнæн куыстуаты. Министр ма бафиппайдта, Цæгат Ирыстон Уæрæсейы регионты хсæн кæй ис 6-æм бынаты, хæдзæрттæм газ бауадзыны хъуыддаджы. Ныртæккæ куыст цæуы 2 мин курдиатæй фылдæрыл. 1919 уаццаджы арæнтæм уал æрдзон газ бауагътой. Хъармгæнæн сезоны фыццаг 5-6 бонмæ æппæт объекттæ дæр райстой хъарм. Æппæт аипдзинæдтыл дæр кусынц æвæстиатæй.




