Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло
Тугъанаты Ларисæ барвæндонæй ацыд Цæгат Ирыстоны хицауады вице-премьеры бынатæй. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Уыцы бынатмæ снысан кодтой Платы Альбинæйы, уый раздæр разамынд лæвæрдта адæмæн куыст дæттыны комитетæн. Сергей Меняйло бузныг загъта Тугъанаты Ларисæйæн йæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй. Нырæй фæстæмæ Тугъанаты Ларисæ амæй фæстæмæ уыдзæнис республикæйы разамонæджы уынаффæгæнæг. Хаудзысты йæм социалон фарстатæ.
Сергей Меняйло аппаратон æмбырды мидхъуыддæгты ног министр Демьян Лаптевæн бабар кодта, цæмæй æркæса æмæ сраст кæна фæндаггон æдасдзинады фæтк. Йæ нысан у, цæмæй фæкъаддæр кæной, фæндаггон фыдбылызты чи фæмард, уыдоны нымæц. Ныхас цыдис эпидемиологон уавæрыл дæр. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй ацы хатт скъолатæ карантины нæ сæхгæдтой. Къуырийы фæстæ сывæллæттæ ацæудзысты каникултæм. Скъолатæм низы тыххæй чи нæ цæуы, уыцы сывæллæтты нымæц у 13 проценты, рæвдауæндæтты та 19 проценты. ОРВИ-йы тыххæй сæхгæдтой æрмæстдæр иу къорд. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй нæ республикæйы диспансеризацийы пълан сæххæст кодта 75 проценты. Ныхас ма цыд адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæйыл. Ацы къабазы куыст хъæуы фæхуыздæр кæнын, – загъта республикæйы сæргълæууæг. Фарстатæ сæвзæрд разамынддæттæг компанитæм дæр.




