25 октября 2023, 11:45
Цæгат Ирыстоны райдыдта регионты хсæн фестиваль «Территория мира»
Аразы йæ республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет
Цæгат Ирыстоны райдыдта регионты хсæн фестиваль «Территория мира». Аразы йæ республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет. Мадзалмæ æрбахуыдтой Цæгат Кавказы федералон зылды регионты фæндзай минæвары. Уыдон сты дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ. Фыццаг хатт дзы архайдзæн Абхазаг делегаци дæр. Форум ахæсдзæн æртæ боны.




