Ныхас цыд Цæгат Кавказы федералон зылды куыстадон ахастдзинæдты
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Ныхас цыд Цæгат Кавказы федералон зылды куыстадон ахастдзинæдтыл. Æмбырд амыдта Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Куыд загъта, афтæмæй фæстаг дыууæ азмæ ацы къабазы куыст зынгæ фæрæвдздæр. Æмæ уый æххæстбарджын минæвары аппараты, фæллойы Министрады, фæллоймæ цæстдарды Управленийы æмæ бæрнон ведомствоты æмгуыстады фæрцы. Цæгат Кавказы федералон зылды регионты арæзт æрцыдысты регионалон æмæ муниципалон къамистæ. Хаст сæм æрцыдысты алы ведомствоты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Афтæ 2023-æм азы фыццаг æмбисмæ сбæрæг кодтой, фæллойадон ахастдзинæдты архайæг 26833 адæймаджы. Уыдонæй 26 процентимæ бафыстой æмгуыстады бадзырдтæ. Фæсаууонмæ чи кусы, уыдоны закъоны бындурмæ раивыны тыххæй арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ, методикон амынддзинæдтæ. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, сбæлвырд кодтой, бæстон цæстдард кæмæ цæудзæн, ахæм амындтытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны кусы ведомствоты хсæн къамис. Йæ сæйраг нысан – фæсаууонмæ фæллойгæнджыты закъоны æмвæзадмæ ракæнын. Уымæй дарддæр профилон къамистæ кусынц муниципалитетты.




