филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
07 ноября 2023, 11:19
Парламенты советы радон æмбырд арæзт æрцыд Æрæфы районы

Депутаттæ федтой, Зæдæлескы фысымуаты арæзтад куыд цæуы, уый, бабæрæг кодтой Цыколайы 1-æм скъола, сæмбæлдысты амалхъом адæмимæ

Уыд парламенты советы радон цæугæ æмбырд. Ацы хатт депутаттæ уыдысты Æрæфы районы. Федтой, Зæдæлескы фысымуаты арæзтад куыд цæуы, уый, бабæрæг кодтой Цыколайы 1-æм скъола, сæмбæлдысты амалхъом адæмимæ. Сæрмагонд æргом аздæхтой районы социалон-экономикон райрæзтмæ, стæй чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысмæ. Бæлвырддæр Хъайтмазты Дзерассæйы æрмæджы.

Парламентаритæ сæ сæргъы спикер Тускъаты Таймураз, афтæмæй бабæрæг кодтой Цыколайы 1-æм скъола. Ам кусы уæлæмхасæн ахуырады фæз «Точка роста». Архайы дзы 300 сывæллоны онг æппæт районæй. Парламенты сæрдар скъолайæн саккаг кодта 5 ноутбукы. Директор Цæрикъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй скъолаты бындурыл уæлæмхасæн ахуырады ахæм хуыз хорзырдæм ахады рæзгæ фæлтæры æнтыстдзинæдтыл.

Тускъаты Таймураз ма сæмбæлд Цыколайы 1-æм скъолайы ахуыргæнджытимæ дæр. Раарфæ сын кодта сæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй æмæ сæ схорзæхджын кодта Парламенты кады гæххæттытæй.

Дарддæр Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта, Зæдæлескы цы фысымуат арæзт цæуы, уый. Куыстытæ ам райдыдтой нырма 7 азы размæ. Фысымуаты разамонæг Гæмæонты Миленæ куыд загъта, афтæмæй ноябры кæрон сæ бон суыдзæн фыццаг уазджытæн сæ дуæрттæ байгом кæнын. Ам ис, уыцы иу рæстæг 100 адæймаджы æрбынат кæныны фадат. Уый зынгæ фæбæрæг уыдзæн Æрæфы районы туризмы райрæзтыл.

Фысымуаты бындурыл ма уыд амалхъом адæмимæ фембæлд. Парламенты сæрдар байхъуыста бизнес-æхсæнады минæвæртты курдиæттæм æмæ фæндонтæм. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, æдзух хъæуы абоны закъонадæн анализ кæнын, регионы райрæзты домæнтæм дзуапп дæтты æви нæ, уый фæдыл.

Парламенты Советы рацæугæ æмбырды бæстон ныхас цыд районы социалон-экономикон райрæзтыл, стæй чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысыл. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ацы фарстатæм сæрмагонд цæстард ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania