филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:59 суббота, 31 января 2026
14 ноября 2023, 13:06
20 минуты онг æнхъæлмæ кæсын хъæуы тагъд æххуысы бриагдмæ – Тебиаты Сослан

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр

20 минуты онг æнхъæлмæ кæсын хъæуы тагъд æххуысы бриагдмæ. Ивгъуыд къуыри станцæмæ бацыди 4 мин курдиаты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр. Тебиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны лæггад кæны 64 бригады. Министр куыд загъта, афтæмæй горæты 4-æм поликлиникæ райста компьтерон томограф. Æмбырды ныхас цыди цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы транспорты радыл дæр. Машинæтæ дзы æмбырд кæнынц фæндагыл цалцæггæнæн куыстытæ кæй кæнынц, уымæ гæсгæ. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта уæзласæн машинæты радмæ цæст дарын. Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй фæндæгты былгæрæтты æмæ горæты уынгты траспорт хъуамæ ма лæууа. «Уæллаг Ларс»-ы уавæрыл дзургæйæ, вице-премьер Томайты Ирбег загъта, ивгъуыд къуыримæ Ларсы уылты ацыдысты 20 мин 670 машинæйы. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой куысты мыздыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania