Мадзалы райдиан Гобеты Ибрагим бафиппайдта, информацийы хъахъхъæнынад у национ æдасдзинады сæйраг элементтæй иу
РЦИ-А-йы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим информацийы техникон хъахъхъæнынады фæдыл сарæзта æмбырд. Мадзалы райдиан Гобеты Ибрагим бафиппайдта, информацийы хъахъхъæнынад у национ æдасдзинады сæйраг элементтæй иу. Æмбырдмæ доклад бацæттæ кодта æмæ йæ бакаст Уæрæсейы техникон æмæ экспортон цæстдарды Федералон службæйы управленийы разамонæджы хæдивæг Хуссар æмæ Цæгат-Кавказы зылдты Сергей Железков. Уымæй уæлдай ма дзы ныхас цыд, информацион бæстыхæйттæ аттестаци кæнгæйæ хъуамæ домæнтæ æххæстгонд кæй æрцæуой, ууыл дæр. Æнæмæнг хъæуы структурон дæлхайæдтæм арвитын информацион æдасдзинады специалистты, стæй Цæгат Ирыстоны барадон кусджытæн саразын фæлварæнтæ «Информацион æдасдзинад»-мæ гæсгæ. Æмбырды алы архайæгæн дæр радтой хæслæвæрдтæ.




