филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:59 суббота, 31 января 2026
01 декабря 2023, 11:28
Парламенты æмбырды боны фæткы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд регионы бюджет

Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2024-æм азы уыдзæн профицито

Æгъуызарты Русланы равзæрстой республикæйы Парламенты 7-æм æмбырды депутатæй. Радтой йын Гæззаты Юрийы мандат. Уый та æрæджы æрлæууыд физкультурæйы æмæ спорты министрады сæргъы. Парламенты æмбырды боны фæткы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд регионы бюджет. Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2024-æм азы уыдзæн профицитон. Æфтиæгтæ уыдзысты 37 миллиард сомæй фылдæр. Уыдон фыццаджыдæр спайда кæндзысты адæмы социалон фарстатæ лыг кæныныл. Стыр æргом аздæхтой медицинон препараттæй ифтонг кæныны фарстамæ. Республикон бюджеты тыххæй закъоны проекты фарс депутаттæ рахæцыдысты фыццаг бакасты. Хорзыл ма банымадтой закъоны проект, центрон æвзарæн къамисы ном аивыны тыххæй. Сфидар æй кодтой дыккаг бакасты, æмæ нырæй фæстæмæ уыдзæн æвзарæн къамис. Депутаттæ ма рахæцыдысты æндæр закъоны проектты фарс. Се хсæн – сывæллæттæн фæрæзтæ фидын, сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттын, стæй культурон хæзнаты объекттæ хъахъхъæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania