филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:56 суббота, 31 января 2026
05 декабря 2023, 11:28
Цæгат Ирыстоны сырæзт ОРВИ-йæ рынчын адæмы нымæц

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг

Цæгат Ирыстоны сырæзт ОРВИ-йæ рынчын адæмы нымæц.  Фылдæр дзы рынчын кæнынц 14 азы ног кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг. Тыбылты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ацы сезоны фыццаг хатт регистрацигонд æрцыди грипп. Æмбырды ныхас цыди цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уавæрыл дæр. Ивгъуыд къуыримæ арæнты сæрты ахызтызты 16 мин 560 транспортон фæрæзы æмæ 36 мин адæймаджы.  Ныхас цыди Æрæфы районы æрдæгарæзт скъолайыл дæр. Сергей Меняйло фаутæ æрхаста, объект эксплуатацийы 2015-æм азæй нырмæ сæ бон радтын кæй нæу, уымæй, стæй хорзыл нæ банымадта, ацы фарста аппаратон æмбырдты иу хатт дæр боны фæткмæ хаст кæй не рцыд, уымæй. Республикæйы Сæргълæууæг ма бахæс кодта, нысанмæ ахуыры гæххæттытæ кæмæ ис, уыцы рауагъдонтæн куыст ссарынимæ баххуыс кæныны фарстамæ цæст æрдарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania