05 декабря 2023, 12:56
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы муниципалон къæпхæн
45-æм гимназы сарæзтой практикон ахуыртæ «цардыуаджы æдасдзинады бындуртæй»
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы муниципалон къæпхæн. 45-æм гимназы сарæзтой практикон ахуыртæ «цардыуаджы æдасдзинады бындуртæй». Иннæ азтимæ абаргæйæ дзы ацы аз уыд 3 хатты фылдæр архайджытæ – 100 скъоладзауæй фылдæр. Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзау суæвын, уæлдайдæр та хистæркъласонтæн у пайда, уымæн æмæ сын фæзыны фадат бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн. Олимпиадæмæ цæттæгæнгæйæ скъоладзаутимæ фæкусынц горæты скъолаты хуыздæр ахуыргæнджытæ.
темæмæ гæсгæ




