Бæрнон кусæг нæ регионы разамонæгæн бацамыдта Цæгат Ирыстоны таможняйы службæйы ног хицау булкъон Дзугаты Николайы
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы таможняйы управленийы хицау Альберт Мавликовæн уыди кусæг фембæлд. Бæрнон кусæг нæ регионы разамонæгæн бацамыдта Цæгат Ирыстоны таможняйы службæйы ног хицау булкъон Дзугаты Николайы. Альберт Мавликов куыд фæнысан кодта, афтæмæй Дзугаты Николай алы рæстæджыты разамынд лæвæрдта Дæллаг Зæрæмæг æмæ Уæллаг Ларсы таможняйы постытæн. Йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт куысты æмæ йæм Уæрæсейы экономикон бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы стыр æнтыстытæ кæй ис, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыди бирæ хæрзиуджытæй. Фембæлды ныхас цыди Цæгат Ирыстоны хицаудзинады оргæнты æмæ таможняйы службæйы ахадгæ æмгуыстады стæй, ацы къабаз хуыздæр æмвазадмæ ракæныны фарстатыл. Стыр æргом аздæхтой бæстæйы паддзахадон арæнтæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ.




