14 декабря 2023, 10:21
Кæронмæ фæхæццæ кæны, ацы азмæ паддзахадон программæтæм æмæ национ проекттæм гæсгæ цы мадзæлттæ нысангонд уыдысты, уыдон æххæст кæныны куыст
Ууыл ныхас цыд, Хицауады сæрдар Дзанайты Барис разамынд цы æмбырдæн лæвæрдта, уым
Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны, ацы азмæ паддзахадон программæтæм æмæ национ проекттæм гæсгæ цы мадзæлттæ нысангонд уыдысты, уыдон æххæст кæныны куыст. Ууыл ныхас цыд, Хицауады сæрдар Дзанайты Барис разамынд цы æмбырдæн лæвæрдта, уым. Иннæ аз бындуронæй сцалцæг кæндзысты 26 скъолайы. Æдæппæтæй хæстæгдæр 2 азæн республикæ, ахуыргæнæндæттæ бындуронæй цалцæг кæныны егъау федералон программæйы архайынæн разыйы дзуапп райста 51 курдиатæн. Фидæны аз ма фæнд кæнынц Æрыдоны, Дигорайы, Нары æхсæнадон зонæтæ аив кæнын, стæй æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, спорты, фæндæгты арæзтады, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ æххæст кæнын.




