филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:04 суббота, 31 января 2026
09 января 2024, 11:33
Торчынты Альбинæ аразы бæстыхæйтты æнæхъæн коллекцитæ

Уæдæ йе сфæлдыстадон æвæрæны ис уацамонгæтæ, агуывзæтæ æмæ Нарты фæткъуы дæр

Музейтæ, аргъуантæ, стæй социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ахсджиаг бæстыхæйттæ… Æмæ алцыдæр æлыгæй арæзт. Нæ сюжеты хъайтар Торчынты Альбинæ аразы бæстыхæйтты æнæхъæн коллекцитæ. Уæдæ йе сфæлдыстадон æвæрæны ис уацамонгæтæ, агуывзæтæ æмæ Нарты фæткъуы дæр. Фæлæ æрмдæсны канд æлыгимæ нæ архайы. Кæны нывтæ, кусы къуымбилимæ. Мастеры тыххæй бæстондæр радзурдзæн нæ уацхæссæг.

Торчынты Альбинæ цæры, цæмæй адæмæн лæвар кæна рæсугъддзинад. Уарзы аивад æмæ кусы æлыгимæ. Музейтæ, мæзджыдтæ, ивгъуыд азты социалон – ахсджиаг бæстыхæйттæ. Сылгоймаг канд бæстыхайы истори æмæ æддагбакастимæ нæ базонгæ вæййы, фæлæ ма йын æлыджы руаджы раргом кæны йæ архитектурон рæсугъддзинад. Удуæлдай куыст æмæ бæстон æркаст алы лыстæг хъуыддагмæ дæр дисы фтауынц, аивадимæ æмхиц чи у, уыдоны дæр.

Хъæздыг истори цы бæстыхæйттæн ис, уыдон Альбинæйæн тынг уарзон æмæ цымыдисаг сты. Фæлæ уыимæ сылгоймаг кæны нывкæнынады æмæ хуыйыны куыст дæр, архайы къуымбилимæ. Йе сфæлдыстадон æвæрæны ис: национ нывтимæ уацамонгæтæ, агуывзæтæ, Нарты фæткъуы æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, йæ дæсныдзинад нæ хынцгæйæ, ног куыст кæнгæйæ фæкæны мæт – зæгъы фæлтæрдджын мастер.

Раздæры химик, зæрдæйæ та – нывгæнæг. Сылгоймагæн йæ хобби сси йæ царды ахсджиагдæр куыст. Куыд зæгъы, афтæмæй куыддæр райхъал вæййы, афтæ фыццаг бахизы йæ æрмадзмæ. Æвæллайгæйæ фæкусы цалдæргай сахаты. Ног куыст саразынмæ та йæ сразæнгард кæнынц, йæ алыварс цы уыны, уыдон. Зæгъæм, горæты уынгты цæугæйæ мастер фены, аивадмæ æмхиц чи нæу, уый бон фенын цы нæ у, уыцы лыстæг хъуыддæгтæ.

Альбинæмæ ис бирæ нысантæ. Ис æм бæллиц дæр – Сабырдзинады проспекты бæстыхæйттæ иууылдæр кæм уыдзысты, ахæм коллекци саразын. Ныридæгæн та йын йæ куыстытæ фенæн ис адæмон-аивадон æрмдæсныйады центры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania