30 января 2024, 12:10
Дзюдоист Тасойты Инал сси Гран-прийы уæлахиздзау Португалийы
Финалы ирыстойнаг спортсмен фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл, Къарейы минæвар Ким Минджонгыл
Дзюдоист Тасойты Инал сси Гран-прийы уæлахиздзау Португалийы. Финалы ирыстойнаг спортсмен фæуæлахиз йæ ныхмæлæууæгыл, Къарейы минæвар Ким Минджонгыл, афтæмæй райста, Токиойы кæй фæхæрд, уымæн реванш. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, æрдæгфиналы Тасойты Иналы ныхмæ лæууыди æндæр уæрæсейаг дзюдоист, уæззау уæзы хæцæг Тамерлан Башаев. Æдæппæтæй уæлахиз райсыныл архайдтой 640 дзюдоисты, 89 бæстæйæ.
темæмæ гæсгæ