филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:30 суббота, 31 января 2026
13 февраля 2024, 11:54
Музыкæ – куыд æвдадзы хос

Йæ руаджы Тлаттаты Чермены царды фæзынд ног ахорæнтæ

Музыкæ – куыд æвдадзы хос. Йæ руаджы Тлаттаты Чермены царды фæзынд ног ахорæнтæ. Йе нæниздзинад цудыд кæй у, уый нæ хынцгæйæ, нæлгоймаг сахуыр ирон фæндырæй цæгъдын. Цæуы йыл 32 азы. Йæ низы тыххæй скъоламæ нæ цыд. Уымæ гæсгæ нæ зоны фыссын æмæ кæсын. Фæлæ æппынæдзух фæхъусы ирон, уырыссаг æмæ италиаг зарджытæм. Йæхæдæг дæр музыкæйæ архайын райдыдта, Елхоты культурæйы хæдзармæ куы рбацыд, уæд. Темæ дарддæр ахæццæ кæндзæн Тъехты Элинæ.

Зындгонд зарæг Тлаттаты Черменæй. Йæ фарсмæ та кæддæриддæр йæ музыкæйы ахуыргæнæг Дзгойты Аристолинæ. Чермен нæ зоны фыссын æмæ кæсын, уæдæ нæ зоны нотæтæ дæр. Фæлæ йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзы музыкæ.

Черменыл 32 азы æххæстæй нæма цæуы. Йе нæниздзинад цудыд кæй у, уымæ гæсгæ  скъоламæ нæ цыд, уæдæ йын æмбæлттæ дæр нæ уыд – зæгъы Чермен. Фæлæ æппынæдзух хъуыста ирон, уырыссаг æмæ италиаг зарджытæм. Йæхæдæг дæр музыкæйæ архайын райдыдта, Елхоты культурæйы хæдзармæ куы рбацыд, уæд.

Йе нæниздзинад Чермены хуызæн уавæры кæмæн ис, уыцы адæмæн фæндырæй цæгъдын сахуыр кæнын зын у. Уæдæ уымæй зындæр та у йæ ахуыргæнæгæн. Фæлæ Чермены педагогæн уыцы хъуыддаг хорз уайы. Дзгойты Аристолинæйы цыбырæй хонынц Аринæ. Æмæ куыд зæгъы, афæмæй раздæр ахæм адæмимæ никуы куыста.

Дирижеры хуызæн Аринæ дæр Черменæн амоны, тагъддæр, кæнæ сабырдæр цæгъдæн кæд фæхъæуы, уый. Музыкæйæн зоны йæ ритм. Алы композицимæ дæр педагог бахæссы цыдæр ногдзинад, цæмæй Чермен æнцондæрæй бамбара зарæджы мидис. Нæлгоймагимæ кусгæйæ, куыстуарзондзинады руаджы Дзгойты Аринæйæн йæ бон сси раст фæндаг ссарын.

Чермены фарсмæ – йæ аивадæн æгæрон аргъ чи кæны, уый – йæ мад Нателлæ. Æрыгон музыкант арæх фæархайы алыхуызон конкурсты. Йæ дипломтæ æмæ кады гæххæттытæ йын Нателлæ бафснайы æмæ хъахъхъæны цæстыгагуыйау. Йæ фырт ссардта йæ зæрдæйæн уарзон куыст, æмæ уый æхсызгон у мады зæрдæйæн.

Черменæн алы бон дæр райдайы иу хуызон. Æнæмæнг азары Елхоты культурæйы хæдзары директор Хъазиты Дианæимæ.

Ныр фидарæй зæгъæн ис, Чермен амондджын кæй у, уый. Уымæн æмæ йæ фарсмæ сты цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар адæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania